Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 9:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Тӕригъӕды нывонды фиу, йӕ уыргтӕ ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай нывондхӕссӕныл басыгъта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 9:10
13 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз.


Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта.


Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan