1 Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм.
Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц.
Ӕстӕм бон йе ссыгъдӕг кӕнынӕн уыдӕттӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ.
Ӕстӕм бон райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ-иу ӕрбацӕуӕд Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ-иу сӕ раттӕд.
Ӕстӕм бон-иу райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.
Авд боны дӕргъы Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй иуварс ма ацӕут, цалынмӕ сауджынлӕггадӕн уӕ снывонд кӕныны бонтӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ахӕсса авд боны.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕххӕст кодтой, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Ӕстӕм бон та дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны хъуамӕ ратта сауджынмӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрыл.
Сабат куы аивгъуыдта, уӕд, къуырийӕн йӕ фыццаг бон, магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа сӕударӕй ӕрцыдысты зӕппадз бабӕрӕг кӕнынмӕ.