9 Йӕ сӕрыл ын ӕркодта сарыхъ ӕмӕ йыл разӕй сӕвӕрдта сыгъзӕрин цъарӕг — уаз кады худ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной.
Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, сарыхъыл та разӕй сӕвӕр уаз уадздзаг.
Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.
Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕххӕст кодтой, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Ӕз бардзырд дӕттын: йӕ сӕрыл ын сыгъдӕг худ ӕркӕнут». Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сыгъдӕг худ ӕркодтой, дарӕсы йӕ сфӕлыстой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд лӕууыди уым.