Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта ӕмӕ сӕ доны цынадта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:6
19 Iomraidhean Croise  

Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ, стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.


Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.


Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй ӕрӕхс.


Аарон ӕмӕ-иу дзы йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт,


Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ уазлӕггад кӕныны фӕдыл, Дунедарӕгӕн арты нывонд ӕрхӕссынӕн, нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбаввахс уой, уӕд.


Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй цӕхс.


Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи! Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут, уе ’взӕр митӕ ныууадзут!


Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


Моисей сын загъта: «Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста мӕнӕ афтӕ бакӕнын».


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.


цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.


ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.


Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan