36 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕххӕст кодтой, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Моисей федта, адӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй фесты, уый ӕмӕ сын раарфӕ кодта.
Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.
Авд боны дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз лӕуут ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ бӕрны цы бакодта, уый ӕххӕст кӕнут, науӕд амӕлдзыстут. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд».
Йӕ сӕрыл ын ӕркодта сарыхъ ӕмӕ йыл разӕй сӕвӕрдта сыгъзӕрин цъарӕг — уаз кады худ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.
Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.