Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Авд боны дӕргъы Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй иуварс ма ацӕут, цалынмӕ сауджынлӕггадӕн уӕ снывонд кӕныны бонтӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ахӕсса авд боны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:33
7 Iomraidhean Croise  

Йӕ байзӕддагӕй йӕ фӕстӕ сауджын чи суа, уый-иу сӕ скӕнӕд ӕмӕ сӕ фӕдарӕд авд боны дӕргъы — Фембӕлды Цатырмӕ-иу бацӕуӕд ӕмӕ Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнӕд уыцы дарӕсы.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕн. Цӕмӕй сауджынтӕ суой, уый тыххӕй авд боны дӕргъы фӕлхат кӕн ацы ӕгъдау.


Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде.


Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый йӕ низӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, стӕй-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд суадоны доны, ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг.


Абон цы сарӕзтӕуыд, уый уыди Дунедарӕджы фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой.


Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон хъуамӕ йӕхи ссыгъдӕг кӕна уыцы сыгъдонӕй, ӕмӕ уӕд сыгъдӕг уыдзӕн. Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та сыгъдӕг нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan