Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Дзидза ӕмӕ дзулӕй цы баззайа, уый-иу арты басудзут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:32
8 Iomraidhean Croise  

Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.


Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты.


Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Фӕлӕ нывонды дзидзайӕ ӕртыккаг бонмӕ цы баззайа, уый хъӕуы басудзын.


Авд боны дӕргъы Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй иуварс ма ацӕут, цалынмӕ сауджынлӕггадӕн уӕ снывонд кӕныны бонтӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ахӕсса авд боны.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan