25 Моисей райста кусартӕн йӕ дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу ӕмӕ рахиз сгуы.
Ӕрдӕгфых кӕнӕ йӕ доны фыхӕй ма хӕрут, кусарт-иу ӕнӕхъӕнӕй — ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ, ӕд хуылфыдзаумӕттӕ — арты сӕрмӕ сфизонӕг кӕнут.
Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз.
Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
Фидыды нывондӕн йӕ фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд: кусарты дымӕг ӕнӕхъӕнӕй (йӕ тӕккӕ рӕбыныл ӕй рагъыстӕгӕй фӕхицӕн кӕнӕд, афтӕмӕй), хуылфыдзаумӕтты фиу,
Уый фӕстӕ ӕрбахуыдта Аароны фыртты ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ацахуырста, стӕй нывондхӕссӕн алырдыгӕй тугӕй бапырх кодта.
Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд уыди, уымӕй иу донгонд дзул, иу сойыфых ӕмӕ иу лауаси райста, фиутӕ ӕмӕ рахиз сгуыйы сӕрыл сӕ сӕвӕрдта.