Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын райста ӕмӕ дзы Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз ацахуырста.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:23
18 Iomraidhean Croise  

Ды-иу ӕй аргӕвд ӕмӕ йын йӕ тугӕй ацахор Аарон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты ӕлгътӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ. Иннӕ туг-иу нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал.


Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр.


Сауджын фиддоны нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.


Йӕ армы дзыхъхъы ма дзы цы сой баззайа, уымӕй та сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым.


Фыргуисты аргӕвдӕд фиддоны нывондӕн, уый фӕстӕ йын йӕ тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз.


Йӕ армы дзыхъхъы ма цы сой уа, уымӕй ма, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым.


Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ.


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.


Хуымӕтӕг ӕвзагӕй уын ӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ уын, чи зоны, уыдӕттӕ бамбарын зын уа. Уӕ буӕрттӕ кӕддӕр ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи хъуыддӕгтӕн цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕвзӕр митӕ кӕнат, афтӕ сӕ ныр та рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй сыгъдӕгӕй цӕрат.


Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.


Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,


Стыр аргъӕй ӕлхӕд ӕрцыдыстут. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй.


Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.


Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕд дӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕнын уе ’ппӕтимӕ дӕр.


Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Кӕд Хуыцауы Фырт уыди, уӕддӕр хъизӕмӕртты фӕрцы сахуыр ис коммӕгӕс уӕвын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan