22 Сауджын суӕвыны нывондӕн Моисей ӕрбакодта ӕндӕр фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.
Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ.
«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.
Моисей райста фыры кӕразимаг ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ систа. Уый уыди Моисейы хай, сауджынлӕггадӕн ӕй снывонд кӕнынӕн цы нывонд ӕрхастӕуыди, уымӕй, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.
Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ — йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн,
Ӕрлӕууын ӕй кӕна Йӕ разы намысджын Аргъуанӕй, ӕнӕ сау стъӕлфӕй, ӕнӕ къӕмӕй, ӕнӕ ӕндӕр исты аиппӕй, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау куыд уа, афтӕ.