Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:21
11 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Ӕрдӕгфых кӕнӕ йӕ доны фыхӕй ма хӕрут, кусарт-иу ӕнӕхъӕнӕй — ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ, ӕд хуылфыдзаумӕттӕ — арты сӕрмӕ сфизонӕг кӕнут.


ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Уый фӕстӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта, хӕдӕттӕ сыл скодта, рӕттӕ сыл ӕрбабаста ӕмӕ сыл ӕркодта сарыхътӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Йӕ сӕрыл ын ӕркодта сарыхъ ӕмӕ йыл разӕй сӕвӕрдта сыгъзӕрин цъарӕг — уаз кады худ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan