Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:2
15 Iomraidhean Croise  

Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Аароны фырттӕн бауаф хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ — кад ӕмӕ аивы нысанӕн.


Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн.


Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Моисей райста сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр, стӕй, цыдӕриддӕр дзы уыдис, уыдон. Афтӕмӕй сӕ срухс скодта.


Моисей иууылсудзинаг нывондӕн ӕрбакодта фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.


Сауджын суӕвыны нывондӕн Моисей ӕрбакодта ӕндӕр фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.


Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕппӕт адӕмы ӕрӕмбырд кӕн».


Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan