17 Галӕй ма цы баззади, уыдон та — цармӕй, фыдӕй, хуылфыдзаумайӕ — рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Галӕн йӕ фыд, йӕ царм, йӕ хуылфыдзаума та рӕсӕнуаты ӕдде арты хай бакӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд.
Тӕригъӕды нывондӕн цы гал аргӕвстой, уый басудз Кувӕндоны ӕдде, нысангонд бынаты.
Тӕригъӕды нывондӕн Рухсмонуатмӕ кӕй туг бахастӕуыд, уыцы гал ӕмӕ цӕуы кусӕрттӕ хъӕуы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахӕссын. Сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ сын басудзын хъӕуы.
Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд.
Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта.
Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».