Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 8:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 8:15
23 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ сӕ аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ тугӕй нывондхӕссӕныл бапырх кодтой, цӕмӕй барст ӕрцӕуа ӕгас Израилы тӕригъӕд. Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕгас Израилы тыххӕй бафӕдзӕхста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссын.


Афтӕ бакӕнын хъӕудзӕни мӕйы ӕвдӕм бон дӕр, ӕнӕбары кӕнӕ ӕнӕзонгӕйӕ чи фӕтӕригъӕдджын ис, уыдоны тыххӕй. Афтӕ-иу ссыгъдӕг кӕнут Кувӕндон.


Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.


Аргӕвдӕд ӕй Дунедарӕджы раз, нывондхӕссӕны цӕгатварс, ӕмӕ йын Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Рухсмонуат, Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы сӕххӕст кӕна, уӕд-иу Аарон удӕгас цӕу ӕрбакӕнӕд.


Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры цур аргӕвдӕд, стӕй йын Аароны байзӕддӕгтӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд.


Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.


Левиттӕ та сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт галты сӕртыл: сӕ иу ӕрхӕсдзысты тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн, цӕмӕй левиттӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уой.


Уымӕн ӕмӕ раздӕр Хуыцауы знӕгтӕ кӕм уыдыстӕм ӕмӕ Йӕ Фырты мӕлӕты фӕрцы Йемӕ кӕм бафидыдтам, уым нӕ уымӕй ноджы фылдӕр ныфс ис, мах, Хуыцауимӕ фидыд адӕм, кӕй фервӕздзыстӕм Йӕ Фырты царды фӕрцы!


ӕмӕ дыууӕты дӕр, иу буары, Хуыцауимӕ бафидауын кӕна, дзуарыл мӕлӕт райсгӕйӕ ӕмӕ Йӕ мӕлӕтӕй фыдӕх фесафгӕйӕ.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan