12 Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.
Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де ’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.
Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд.
Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ.
Сымах та Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй ма ахизут, науӕд амӕлдзыстут, уымӕн ӕмӕ сӕрст ӕрцыдыстут, цӕмӕй суат Дунедарӕджы сауджынтӕ». Ӕмӕ бакодтой, Моисей куыд загъта, афтӕ.
алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.
Дунедарӕг сӕ куы байсӕрста, уыцы бон израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын уыцы хай дӕттой. Уый сын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.