11 Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.
Ӕртӕх куы байсыст, уӕд зӕххы уӕлцъарыл разынди халасы хуызӕн цыдӕр лӕхурӕг.
Моисей сын загъта: «Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут».
Алы бон дӕр-иу се ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй гал аргӕвд тӕригъӕды нывондӕн. Ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау дӕр ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд — срухс ӕй кӕныны охыл.
Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.
Снывонд сӕ кӕн иууылдӕр, ӕмӕ срухс уыдзысты. Уый фӕстӕ сыл-иу цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.
Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ».
Дунедарӕг ма ноджы загъта: «Дӕ къух дӕ роны акӕн». Моисей йӕ къух йӕ роны акодта. Фӕстӕмӕ йӕ куы райста, уӕд къух хъотырӕй митау урс фестад.
Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».
Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.
ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд.
ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй авд хатты бапырх кӕнӕд мидӕмбӕрзӕны цур, Дунедарӕджы раз.
ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй Дунедарӕджы раз, Рухсмонуаты ӕмбӕрзӕны цур, авд хатты бапырх кӕнӕд.
Уыцы Удӕй нын нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы руаджы Хуыцау радта рӕдауӕй,