9 Хойраджы хуынтӕй алкӕцыдӕр — пецы фых ӕрцӕуа, къуырф тебӕйы ӕви алгъацы, — нывонд ӕрхӕссыны фӕтк чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай у.
Уыцы заман Арамы паддзах Хазаел Гаты сахары ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та сфӕнд кодта Йерусалиммӕ бабырсын.
Уыдон хӕрдзысты хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй ӕмӕ фиддоны нывондӕй. Израилы зӕххыл Дунедарӕгӕн цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый дӕр уыдоны хай уыдзӕн.
Цы ма дзы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.
Афтӕ сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. Хуынӕй ма цы баззайа, уый та, хойраджы хуынӕй цы баззайы, уыйау сауджыны хай у».
Алы хойраджы хуын дӕр — сойамӕст уа ӕви хус — Аароны ӕппӕт байзӕддӕгтӕм хауы. Хъуамӕ сӕм дзы ӕрхауа ӕмхуызон хӕйттӕ.
Сауджын искӕй тыххӕй иууылсудзинаг нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд нывондӕн йӕ царм дӕр у сауджыны хай.
Дӕу у иууылсыгъдӕг дӕр — Мӕнӕн цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдоны иу хай. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты у, израилӕгтӕ Мын хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй, фиддоны нывондӕй кӕй хӕссынц, уыдоны иу хай — иууылуаз.
Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?
Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?
Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.