Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фиддоны нывондӕн дӕр ис тӕригъӕды нывонды фӕтк: фиддоны нывонд у, тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 7:7
11 Iomraidhean Croise  

Ӕрмӕст-иу фиддоны нывонд ӕмӕ тӕригъӕды нывонды тыххӕй цы ’взист ӕрбахастой, уый Кувӕндонӕн лӕвӕрд нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ уый уыди сауджынты хай.


Уыцы заман Арамы паддзах Хазаел Гаты сахары ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та сфӕнд кодта Йерусалиммӕ бабырсын.


Фыргуисты аргӕвдын хъӕуы Уаз бынаты, тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран. Фиддоны нывонд, тӕригъӕды нывондау, сауджыны хай у. Уый у иууылуаз.


Цы ма дзы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Ӕнхъизӕн кӕнӕн ыл нӕй. Уый сын Ӕз хай кӕнын Мӕ номыл хаст нывӕндтӕй. Хойраджы хуын дӕр тӕригъӕды ӕмӕ фиддоны нывӕндтау иууылсыгъдӕг у.


Сауджын искӕй тыххӕй иууылсудзинаг нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд нывондӕн йӕ царм дӕр у сауджыны хай.


Кӕд ӕмӕ, фиддон чи айса, хъыгдард баййафӕгӕн ахӕм ӕввахс хион нӕй, уӕд азым ныббарӕггаг Дунедарӕджы у ӕмӕ сауджынӕн лӕвӕрд цӕуы — тӕригъӕд ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхӕссынц, уыцы фыримӕ.


Акӕсут-ма, туг-стӕгӕй израилаг чи у, уыдонмӕ — нывондӕй куы фӕхӕрынц, уӕд нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕ нӕ вӕййынц, ӕви?


Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan