37 Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры.
Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.
Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта:
Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.
«Мӕнӕ, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ байсӕрдыны бонӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрвылбон цы хуын хӕссын ӕмбӕлы, уый: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, йӕ иу ӕмбис — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.
Сауджын суӕвыны нывондӕн Моисей ӕрбакодта ӕндӕр фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.
Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын райста ӕмӕ дзы Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз ацахуырста.