35 Ахӕм у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай Дунедарӕджы номыл хаст нывӕндтӕй, Дунедарӕджы сауджынтӕ куы систы, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры.
Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр.
Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд.
Уӕд фыдгулы ӕфсондз де уӕхсчытӕй, дӕ бӕрзӕйӕ ист ӕрцӕудзӕни, ныппырх уыдзӕни де ’фсондз.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.
Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты.
Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ равзӕрста Йӕхицӕн.
Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.
Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.
Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй Мӕхицӕн дӕ фыдӕлты равзӕрстон сауджынтӕй, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл хӕссой нывӕндтӕ, судзой Мын буд ӕмӕ-иу Мӕ разы хӕрдмӕ сисой ефод. Израилӕгтӕ цыдӕриддӕр хуынтӕ хӕссынц, уыдон бакодтон дӕ фыдӕлты бӕрны.