Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 7:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Уымӕн ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн сӕ фидыды нывӕндтӕй райстон, хӕрдмӕ кӕй систӕуы, уыцы кӕразимаг, стӕй рахиз сгуы ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уый сын у мыггагмӕйы хай израилӕгтӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 7:34
12 Iomraidhean Croise  

Аароны сауджын скӕныны охыл нывондӕн цы фыр ӕрхастой, уымӕн йӕ кӕразимаг райс ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сис. Уый уыдзӕни дӕ хай.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, сӕрылбӕттӕнтӕ сыл бабӕтт. Ӕмӕ уӕд сауджынлӕггад мыггагмӕ суыдзӕни уыдоны. Афтӕмӕй сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕндзынӕ.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Аароны байзӕддӕгтӕй фидыды нывонды туг ӕмӕ фиу нывондхӕссӕныл чи ӕвӕра, уый хай у уыцы сгуы.


Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.


Ӕмӕ сӕ сауджын хъуамӕ хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз. Уыдон сты уаз — сауджыны хай, нывонды кӕразимаг ӕмӕ сгуыйӕн уӕлӕмхасӕн. Уый фӕстӕ назирӕн сӕн нуазыны бар ис.


ӕмӕ, куыд израилӕгты лӕвар, афтӕ снывонд кӕнӕд левитты Дунедарӕгӕн Аарон. Уый фӕстӕ левиттӕн сӕ бон у Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын.


Стур кӕнӕ лыстӕг фосы кусартӕн йӕ базыг, ӕфсӕр ӕмӕ ахсӕн уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕм хауынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ уыдонӕн дӕтта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan