Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 7:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дунедарӕгӕн хъуамӕ арты нывонд ӕрхӕсса йӕхи къухӕй: кусарты фиу ӕмӕ кӕразимаг ӕрбахӕссӕд ӕмӕ Дунедарӕджы раз кӕразимаг хӕрдмӕ сисӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 7:30
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.


Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты.


Нывӕндты фиутимӕ-иу лӕварӕн ӕрбахӕссӕнт сгуы ӕмӕ кӕразимаг, цӕмӕй сӕ ды Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисай. Уыдон дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн сты мыггагмӕйы хай, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд,


Фидыды нывондӕн йӕ фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд: кусарты дымӕг ӕнӕхъӕнӕй (йӕ тӕккӕ рӕбыныл ӕй рагъыстӕгӕй фӕхицӕн кӕнӕд, афтӕмӕй), хуылфыдзаумӕтты фиу,


Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм радта ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кодта.


Моисей райста фыры кӕразимаг ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ систа. Уый уыди Моисейы хай, сауджынлӕггадӕн ӕй снывонд кӕнынӕн цы нывонд ӕрхастӕуыди, уымӕй, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


кӕразимӕгтыл сӕвӕрдта ӕмӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басыгъта,


кӕразимӕгтӕ ӕмӕ рахиз сгуы та хӕрдмӕ систа Дунедарӕджы раз, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Ӕмӕ сӕ сауджын хъуамӕ хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз. Уыдон сты уаз — сауджыны хай, нывонды кӕразимаг ӕмӕ сгуыйӕн уӕлӕмхасӕн. Уый фӕстӕ назирӕн сӕн нуазыны бар ис.


ӕмӕ, куыд израилӕгты лӕвар, афтӕ снывонд кӕнӕд левитты Дунедарӕгӕн Аарон. Уый фӕстӕ левиттӕн сӕ бон у Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын.


Ничи Мын ӕй исы, Мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Мӕхи бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд».


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Стур кӕнӕ лыстӕг фосы кусартӕн йӕ базыг, ӕфсӕр ӕмӕ ахсӕн уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕм хауынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ уыдонӕн дӕтта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan