28 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа:
Аароны байзӕддӕгтӕ уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудзӕнт, сугты сӕрыл цы иууылсудзинаг ӕвӕрд ис, уыимӕ, — уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.
Тугӕй чидӕриддӕр фӕхъӕстӕ уа, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
«Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса, уый дзы хъуамӕ Дунедарӕгӕн хай скӕна.
Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.
Назир йӕ сӕры хил куы алвына, уӕд сауджын хъуамӕ сиса фыры фых базыг, иу донгонд гуыл ӕмӕ иу донгонд тӕнӕг ӕмӕ сӕ назиры ӕрмттыл ӕрӕвӕра.