20 Фӕлӕ исчи фечъизи ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй бахордта, зӕгъгӕ, — адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн.
Сунӕтгонд цы нӕлгоймаг не ’рцӕуа, уый та йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ фехӕлдта Мӕ фидыд».
Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Чи сараза ӕмӕ йӕм чи басмуда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сымах дзидза тугимӕ хӕрут, уӕ гуымирытӕм уе ’ргом аздӕхтат, туг калут ӕмӕ ма ноджы зӕхх дӕр уӕхи бакӕнинаг стут?
Уыцы ӕлгъаг митӕ чидӕриддӕр кӕна, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Чи дзы бахӕра, уый уыдзӕнис азымджын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы уаз хай фӕчъизи кодта; йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.
Уыцы бон ком чи нӕ дара, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Дзидза исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы андзӕва, уӕд ӕй хӕрӕн нӕй, арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Сыгъдӕг дзидзайӕ та, сыгъдӕг чи уа, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис.
Дунедарӕгӕн арты нывондӕн кӕй хастӕуа, уыцы фосы фиуӕй чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
Тугӕй чидӕриддӕр фӕхъӕстӕ уа, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Марды буарыл чи андзӕва ӕмӕ йӕхи чи не ссыгъдӕг кӕна, уый Дунедарӕджы цӕрӕнуат чъизи кӕны ӕмӕ Израилы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ уый сыгъдӕггӕнӕн донӕй нӕ бапырх кодтой, ӕмӕ чъизи у, йӕ чъизи ис йӕ уӕлӕ.
Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй.
Уыцы бон Саул ницы сдзырдта. Афтӕ ӕнхъӕл уыд: «Уый ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Давид сыгъдӕг нӕу».