Левит 7:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст18 Ӕртыккаг бон ма фидыды нывондӕй чи бахӕра, уымӕн йӕ нывонд Хуыцауӕн ӕхцон нӕ уыдзӕн, нӕ йын ӕй айсдзӕн. Уыцы дзидза ӕлгъаг у, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый йӕ тӕригъӕдӕн дзуапп ратдзӕн. Faic an caibideil |
Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.