Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фидыды нывондимӕ ӕрбахӕссӕд ӕнхъызт хыссӕйӕ конд тӕнджытӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 7:13
7 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын уӕ хоры сӕртимӕ хӕссут, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕхцон хӕрздӕфы номыл ма судзут.


Кӕмдӕриддӕр цӕрат — хӕрдмӕ сисынӕн-иу ӕрбахӕссут дыууӕ дзулы. Хъуамӕ конд уой ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайӕ, ӕнхъызт хыссӕйӕ — уӕ хоры сӕрӕй Дунедарӕгӕн хуын.


Уыцы дзултӕй уӕлдай ма-иу ӕрбакӕнут авд ӕнӕсахъат фыргуисты, стӕй иу гал ӕмӕ дыууӕ фыры. Уыдон уыдзысты иууылсудзинаг нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ — Дунедарӕгӕн арты нывондӕн, ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Мӕ разы-иу Мын, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм арфӕйы нывонд ссудзут! Барвӕндӕй хаст нывӕндты кой-иу хъӕрдӕрӕй фехъусын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ уарзут, израилӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».


Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй дзы куы хӕрай, уӕд,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan