1 Мӕнӕ, иууылуаз чи у, уыцы фиддоны нывонд хӕссыны ӕгъдау.
Имнайы фырт Коре, левит, уыди скӕсӕйнаг кулдуары дуаргӕс. Уый дзуапп лӕвӕрдта, Хуыцауӕн бархийӕ цы хуынтӕ хастой, уыдонӕн, стӕй уӕрста Дунедарӕгӕн хаст нывӕндтӕ ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕ снывонд чындӕуыд, уыдон.
Кулдуары раз тыргъы иуӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр лӕууыди дыгай фынгтӕ, иууылсудзинӕгтӕ, тӕригъӕды нывондӕгтӕ ӕмӕ фиддоны нывондӕгтӕ ӕргӕвдынӕн.
Уыдон хӕрдзысты хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй ӕмӕ фиддоны нывондӕй. Израилы зӕххыл Дунедарӕгӕн цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый дӕр уыдоны хай уыдзӕн.
Уыцы лӕг мын загъта: «Сауджынтӕ ацы бынаты фыцдзысты фиддоны ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ. Ӕддаг кӕртмӕ дзы ницы рахӕсдзысты, цӕмӕй адӕмӕй, уаз цы у, ууыл мачи бандзӕва».
Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис.
Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.
Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.
Сауджынмӕ сӕ раттӕд, ӕмӕ-иу уый раздӕр тӕригъӕды нывонд ӕрхӕссӕд. Сауджын маргъӕн йӕ къубал фездухӕд, фӕлӕ йын йӕ сӕр ма фӕхицӕн кӕнӕд.
Ӕнхъизӕн кӕнӕн ыл нӕй. Уый сын Ӕз хай кӕнын Мӕ номыл хаст нывӕндтӕй. Хойраджы хуын дӕр тӕригъӕды ӕмӕ фиддоны нывӕндтау иууылсыгъдӕг у.
«Мӕнӕ тӕригъӕды нывонд хӕссыны ӕгъдау: тӕригъӕды нывонд аргӕвдын хъӕуы Дунедарӕджы раз, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Ацы нывонд у иууылсыгъдӕг.
ногӕй басомы кӕнӕд Дунедарӕджы раз ӕмӕ фиддоны нывондӕн фыргуист ӕрбакӕнӕд. Уымӕй размӕйы назир-бонтӕ та йын сӕфт сты, уымӕн ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кодта.