8 Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн зӕгъа:
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕ нывондхӕссӕныл арт скӕнӕнт ӕмӕ йыл сугтӕ ӕрӕвӕрӕнт.
Сауджын Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, цӕмӕйдӕриддӕр фӕазымджын ис, уыдон ын уыдзысты барст».
«Мӕнӕ иууылсудзинаг нывонд хӕссыны ӕгъдау: иууылсудзинаг нывонд-иу ӕхсӕв-бонмӕ баззайӕд нывондхӕссӕныл, кӕм ӕй басыгътой, уым. Нывондхӕссӕныл иудадзыг судзӕд арт.