Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Йӕ азымы тыххӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн; аргъонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:6
8 Iomraidhean Croise  

Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй;


Нӕхицӕн фӕткыл банымадтам алы аз дӕр нӕ хуымты бӕркад ӕмӕ дыргъы сӕртӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ хӕссын.


йе ’ргом цӕгатӕрдӕм кӕмӕн у, уыцы агъуыст та лӕвӕрд у нывондхӕссӕны цур кусӕг сауджынтӕн. Адон Цадокы байзӕддаг сты. Левийы байзӕддагӕй ӕрмӕст адонӕн ис Дунедарӕджы раз сауджынтӕй кусыны бар».


Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.


«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йын йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд — фиддоны нывондӕн. Сауджын уыцы адӕймаджы тыххӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, ӕнӕрхъуыдыйӕ цы сарӕзта, уый йын уыдзӕни барст.


Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan