Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 искӕй сӕфт дзаума чи ссара ӕмӕ йыл чи нӕ басӕтта — адӕм тӕригъӕды цӕй тыххӕй бацӕуынц, уыцы хъуыддӕгтӕй исты чи сараза ӕмӕ ма ноджы, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, мӕнг сомы чи ракӕна, —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:3
14 Iomraidhean Croise  

Де знаджы фос — гал уа ӕви хӕрӕг — куы фӕдзӕгъӕл уа ӕмӕ йыл афтӕмӕй искуы дӕ цӕст куы ’рхӕца, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй йӕ хицаумӕ баздах.


Гӕнӕй сын бауафын кӕн цыбыр, зӕнджы фӕтасӕнтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм хӕлӕфтӕ — сӕ худинаг ӕмбӕрзынӕн.


Хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу — сайӕн ныхас ма схауӕд дӕ дзыхӕй.


цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»; цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.


Уыдон сомы кӕнынц Дунедарӕгӕй, фӕлӕ сӕ сомытӕ мӕнг сты».


Сымах давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Баалӕн буд судзут ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувут.


Фӕлӕ-иу сӕ ӕддаг кӕртмӕ рацӕуын куы хъӕуа, адӕмы размӕ, уӕд-иу раласӕнт, цы дарӕсты лӕггад кодтой, уыдон, ныууадзӕнт-иу сӕ уаз агъуыстыты ӕмӕ-иу скӕнӕнт ӕндӕр дарӕстӕ, цӕмӕй сӕ уаз дарӕстӕй адӕмӕй макӕуыл бандзӕвой.


Йӕ гуцъа йын йӕ пакъуытимӕ стонӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны скӕсӕнварс, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм аппарӕд.


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan