Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Уыцы дзидза сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр хӕрын ӕмбӕлы. Уый у иууылсыгъдӕг нывонд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:29
7 Iomraidhean Croise  

Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.


«Мӕнӕ тӕригъӕды нывонд хӕссыны ӕгъдау: тӕригъӕды нывонд аргӕвдын хъӕуы Дунедарӕджы раз, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Ацы нывонд у иууылсыгъдӕг.


Тӕригъӕды нывонд чи ӕрхаста, уыцы сауджын дзы хъуамӕ бахӕра, хӕрын та дзы хъӕуы уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.


Зӕгъӕм, исчи кувӕггаг дзидза йӕ фӕччийы фӕхӕссы, ӕмӕ дзул, хъӕрмхуыпп, сӕн, сой кӕнӕ ӕндӕр исты хӕринагыл йӕ фӕччийӕ андзӕвыд, уӕд уыцы хӕринаг дӕр уаз суыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Нӕ, не суыдзӕн».


Иууылсыгъдӕгау ӕй хӕр; ӕрмӕстдӕр дзы нӕлгоймагӕн ис хӕрыны бар; уазыл дӕм уӕд нымад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan