Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Аароны байзӕддӕгтӕй, Аароны бынатмӕ кӕй байсӕрдой, уыцы сауджынтӕй алчидӕр афтӕ кӕнӕд. Уый у мыггагӕмӕйы уагӕвӕрд — хойраг хъуамӕ иууылдӕр сыгъд ӕрцӕуа Дунедарӕджы номыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:22
13 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Мӕ адӕмы тӕригъӕдтӕй ӕфсӕдынц, сӕ фыдракӕндтӕм сын бӕллынц.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Йӕ къух цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, Дунедарӕджы раз иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран аргӕвдӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд.


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.


Уый фӕстӕ йӕ дарӕс раивӕд ӕмӕ фӕнык рӕсӕнуатӕй сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд.


Уыцы ссадӕй, оливӕйы соимӕ хӕрзызмӕст куыд уа, афтӕмӕй алгъацы лауаситӕ афыцӕнт, асӕстытӕ сӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ басудзӕнт — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Сауджын цы хойраджы хуын ӕрбахӕссы, уый иууылдӕр басудзын хъӕуы, хӕрын дзы не ’мбӕлы».


Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Израилӕгтӕ та Беерот-Бене-Йааканӕй Мосерамӕ араст сты. Аарон уым амард, ӕмӕ йӕ уыцы ран баныгӕдтой. Йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар.


Стӕй иннӕ алчертӕ бирӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы мӕлӕт никӕмӕн лӕвӕрдта мыггагмӕ алчерӕй баззайыны фадат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan