21 Уыцы ссадӕй, оливӕйы соимӕ хӕрзызмӕст куыд уа, афтӕмӕй алгъацы лауаситӕ афыцӕнт, асӕстытӕ сӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ басудзӕнт — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.
Сӕ бӕрны уыдысты, Дунедарӕджы раз-иу Кувӕндоны кӕй ӕрӕвӕрдтой, уыцы дзултӕ, хуынӕн чи хъуыди, уыцы ӕвзаргӕ ссад, донгонд лауаситӕ, лауызтӕ, стӕй, ссадӕй ма-иу ноджыдӕр цы фыцинӕгтӕ сызмӕстой, уыдӕттӕ, ноджы ма — алы уӕзбарст ӕмӕ алы дӕргъбарст дӕр.
Левиттӕй иуӕн, Корахы байзӕддаг Шаллумы хистӕр фырт Маттитиайӕн, йӕ бӕрны уыди кувинаг лауаситӕ фыцын.
Ахӕм цӕрӕгойы мард исты дурын мигӕнӕны ныххауди, зӕгъгӕ, уӕд, йӕ хуылфы цы уа, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ-иу дурын асӕттут.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.
Алгъацы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй, донгонд хыссӕйӕ.
Аароны байзӕддӕгтӕй, Аароны бынатмӕ кӕй байсӕрдой, уыцы сауджынтӕй алчидӕр афтӕ кӕнӕд. Уый у мыггагӕмӕйы уагӕвӕрд — хойраг хъуамӕ иууылдӕр сыгъд ӕрцӕуа Дунедарӕджы номыл.
Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.
Хойраджы хуынтӕй алкӕцыдӕр — пецы фых ӕрцӕуа, къуырф тебӕйы ӕви алгъацы, — нывонд ӕрхӕссыны фӕтк чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай у.