Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:19
8 Iomraidhean Croise  

Райс донгонд дзул, сойхӕццӕ донгонд гуылтӕ ӕмӕ сойхӕццӕ донгонд лауаситӕ — се ’ппӕт дӕр ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй —


Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.


Кӕд ацы нывонды туг Уаз Цӕрӕнмӕ нӕ бахастат, уӕд ын йӕ дзидза хъуамӕ бахордтаиккат уаз бынаты, ӕз уын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ».


Аароны байзӕддӕгтӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уыцы хайӕ хӕрын ӕмбӕлы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы хай Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Цыдӕриддӕр сыл бандзӕва, уый суыдзӕни уаз».


«Мӕнӕ, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ байсӕрдыны бонӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрвылбон цы хуын хӕссын ӕмбӕлы, уый: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, йӕ иу ӕмбис — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.


«Мӕнӕ иууылсудзинаг нывонд хӕссыны ӕгъдау: иууылсудзинаг нывонд-иу ӕхсӕв-бонмӕ баззайӕд нывондхӕссӕныл, кӕм ӕй басыгътой, уым. Нывондхӕссӕныл иудадзыг судзӕд арт.


Уый уын хуыныл нымад ӕрцӕудзӕн: куыд хор — мусӕй, куыд ног сӕн — сӕндуцӕнӕй.


Дӕу у иууылсыгъдӕг дӕр — Мӕнӕн цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдоны иу хай. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты у, израилӕгтӕ Мын хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй, фиддоны нывондӕй кӕй хӕссынц, уыдоны иу хай — иууылуаз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan