Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Аароны байзӕддӕгтӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уыцы хайӕ хӕрын ӕмбӕлы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы хай Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Цыдӕриддӕр сыл бандзӕва, уый суыдзӕни уаз».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:18
19 Iomraidhean Croise  

Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Йӕ къух цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, Дунедарӕджы раз иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран аргӕвдӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд.


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


Йӕ къух тӕригъӕды нывонды сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд.


Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Нывондаджы фыдыл цыдӕриддӕр андзӕва, уый суыдзӕни уаз, йӕ тугӕй дарӕсыл куы бакӕла, уӕд ӕй ныхсын хъӕудзӕни уаз бынаты.


Уыцы дзидза сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр хӕрын ӕмбӕлы. Уый у иууылсыгъдӕг нывонд.


Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.


Иууылсыгъдӕгау ӕй хӕр; ӕрмӕстдӕр дзы нӕлгоймагӕн ис хӕрыны бар; уазыл дӕм уӕд нымад.


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.


Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывӕндтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви?


Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз сыгъдӕг дӕн».


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan