Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕнхъизӕн кӕнӕн ыл нӕй. Уый сын Ӕз хай кӕнын Мӕ номыл хаст нывӕндтӕй. Хойраджы хуын дӕр тӕригъӕды ӕмӕ фиддоны нывӕндтау иууылсыгъдӕг у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:17
14 Iomraidhean Croise  

Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.


Байсӕрд иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ. Нывондхӕссӕн снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылуаз.


Моисей бафарста, тӕригъӕды нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы цӕу кӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ базыдта, ныридӕгӕн сыгъд кӕй ӕрцыди, уый. Моисей смӕсты ис Елеазар ӕмӕ Итамармӕ, Аароны фырттӕй ма удӕгасӕй чи баззади, уыдонмӕ. Загъта сын:


Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы.


Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


«Мӕнӕ тӕригъӕды нывонд хӕссыны ӕгъдау: тӕригъӕды нывонд аргӕвдын хъӕуы Дунедарӕджы раз, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Ацы нывонд у иууылсыгъдӕг.


Тӕригъӕды нывонд чи ӕрхаста, уыцы сауджын дзы хъуамӕ бахӕра, хӕрын та дзы хъӕуы уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Уыцы дзидза сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр хӕрын ӕмбӕлы. Уый у иууылсыгъдӕг нывонд.


Мӕнӕ, иууылуаз чи у, уыцы фиддоны нывонд хӕссыны ӕгъдау.


Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.


Фиддоны нывондӕн дӕр ис тӕригъӕды нывонды фӕтк: фиддоны нывонд у, тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай.


Чырысти тӕригъӕд никуы сарӕзта, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас никуы рацыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan