Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 6:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Хуынӕй ма цы ссад баззайа, уый та бахӕрӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ. Хӕрын ӕй ӕмбӕлы донгонд дзулты хуызы, уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 6:16
13 Iomraidhean Croise  

Имнайы фырт Коре, левит, уыди скӕсӕйнаг кулдуары дуаргӕс. Уый дзуапп лӕвӕрдта, Хуыцауӕн бархийӕ цы хуынтӕ хастой, уыдонӕн, стӕй уӕрста Дунедарӕгӕн хаст нывӕндтӕ ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕ снывонд чындӕуыд, уыдон.


Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.


Уыдон хӕрдзысты хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй ӕмӕ фиддоны нывондӕй. Израилы зӕххыл Дунедарӕгӕн цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый дӕр уыдоны хай уыдзӕн.


Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист.


Афтӕ сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. Хуынӕй ма цы баззайа, уый та, хойраджы хуынӕй цы баззайы, уыйау сауджыны хай у».


Сауджын цы хойраджы хуын ӕрбахӕссы, уый иууылдӕр басудзын хъӕуы, хӕрын дзы не ’мбӕлы».


Тӕригъӕды нывонд чи ӕрхаста, уыцы сауджын дзы хъуамӕ бахӕра, хӕрын та дзы хъӕуы уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты.


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.


Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ бӕрӕг кӕнӕм Куадзӕн, зӕронд ӕнхъизӕнимӕ нӕ, хӕлддзинад ӕмӕ фыдӕхы ӕнхъизӕнимӕ нӕ, фӕлӕ ӕцӕгады донгонд дзултимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan