11 Уый фӕстӕ йӕ дарӕс раивӕд ӕмӕ фӕнык рӕсӕнуатӕй сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд.
Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.
Фӕлӕ-иу сӕ ӕддаг кӕртмӕ рацӕуын куы хъӕуа, адӕмы размӕ, уӕд-иу раласӕнт, цы дарӕсты лӕггад кодтой, уыдон, ныууадзӕнт-иу сӕ уаз агъуыстыты ӕмӕ-иу скӕнӕнт ӕндӕр дарӕстӕ, цӕмӕй сӕ уаз дарӕстӕй адӕмӕй макӕуыл бандзӕвой.
Тӕригъӕды нывондӕн Рухсмонуатмӕ кӕй туг бахастӕуыд, уыцы гал ӕмӕ цӕуы кусӕрттӕ хъӕуы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахӕссын. Сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ сын басудзын хъӕуы.
Уыдон уыдзысты Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай. Хӕрдзысты сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ уый у иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы номыл хаст кувинӕгты ӕхсӕн уый сӕ хай у».
цы ма дзы баззайа, уыдон иууылдӕр рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уыцы сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд. Уым хъуамӕ сыгъд ӕрцӕуой.
Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд.
Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.
Нывондхӕссӕны арт хъуамӕ ӕдзухдӕр судзгӕ кӕна, макуы ахуысса. Сауджын-иу ыл ӕрвылрайсом суг бафтауӕд, равӕрӕд-иу иууылсудзинаг нывонды уӕнгтӕ ӕмӕ-иу уыдонимӕ фидыды нывӕндтӕн дӕр сӕ нӕрдтӕ басудзӕд.
«Мӕнӕ, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ байсӕрдыны бонӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрвылбон цы хуын хӕссын ӕмбӕлы, уый: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, йӕ иу ӕмбис — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.
Аароны байзӕддӕгтӕй, Аароны бынатмӕ кӕй байсӕрдой, уыцы сауджынтӕй алчидӕр афтӕ кӕнӕд. Уый у мыггагӕмӕйы уагӕвӕрд — хойраг хъуамӕ иууылдӕр сыгъд ӕрцӕуа Дунедарӕджы номыл.
Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.