5 Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы тыххӕй чи фӕазымджын уа, уый-иу йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд.
Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн: „Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн, рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон, фӕлӕ мын Хуыцау мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,
Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.
Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.
Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.
Йӕ дыууӕ къухы-иу цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ-иу афтӕмӕй басӕттӕд израилӕгты ӕппӕт азымыл, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтыл — цӕуы сӕрыл сӕ сӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй цумайы лӕгимӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ арвитӕд.
Ӕмӕ уӕд басӕтдзысты сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымыл — иузӕрдион Мыл кӕй нӕ разындысты ӕмӕ Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, ууыл.
Афтӕ сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. Хуынӕй ма цы баззайа, уый та, хойраджы хуынӕй цы баззайы, уыйау сауджыны хай у».
уӕд йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд ӕмӕ, кӕй бахъыгдардта, уымӕн ӕххӕстӕй бафидӕд, цы йын фӕзиан кодта, уый, уыцы фиддонӕн ма йӕм ноджы йӕ фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй.
Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн.
Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.