Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 5:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 5:17
11 Iomraidhean Croise  

Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой


Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа


Адӕмӕй исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, куы фӕазымджын уа


«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йын йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд — фиддоны нывондӕн. Сауджын уыцы адӕймаджы тыххӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, ӕнӕрхъуыдыйӕ цы сарӕзта, уый йын уыдзӕни барст.


Уый у фиддоны нывонд, адӕймаг Дунедарӕджы раз кӕй фӕазымджын ис, уый тыххӕй».


Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.


Исты хӕры, фӕлӕ уыцы рӕстӕг, хӕрын ын ӕй фӕччы ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг чи кӕны, уый та ныридӕгӕн тӕрхонгонд у, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕ уа, уый та нысан кӕны тӕригъӕды бацӕуын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan