Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Кусарты фиутӕ иууылдӕр фӕхицӕн кӕнӕд: хуылфыдзаумӕтты фиу,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:8
12 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Тӕригъӕды нывӕндтӕн-иу сӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.


Кусартӕн йӕ фиутӕ фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.


Ацы галӕн дӕр, тӕригъӕды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бакӕнӕд. Афтӕмӕй алчер сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ сын уӕд уыдзӕни барст.


Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Уый фӕстӕ сауджын нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр рахицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕджы номыл. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Ныр Мӕ уд стыр катайы бацыд, фӕлӕ Ӕз афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй“, кӕд ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй ӕрцыдтӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan