Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:7
17 Iomraidhean Croise  

Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.


стӕй йын йӕ тугӕй де ’нгуылдзыл сис ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор, иннӕ туг та иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акал.


Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Уый фӕстӕ-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕ рацӕуӕд ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнӕд йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Гал ӕмӕ цӕуы тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ байсӕрдӕд,


Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕны фарс бапырх кӕнӕд, цы ма дзы баззайа, уый та нывондхӕссӕны рӕбынмӕ ралӕдарӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд.


Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта.


Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы баиу стут, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта кӕрӕдзимӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.


Уыцы тугӕй бапырх кодта Уаз цатырыл дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цы дзаумӕттӕ уыдис, уыдоныл дӕр.


Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan