Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй Дунедарӕджы раз, Рухсмонуаты ӕмбӕрзӕны цур, авд хатты бапырх кӕнӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:6
22 Iomraidhean Croise  

Стӕй Фидыды Чырын бахаста ӕмӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕдта.


Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн ӕрӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры, мидӕмбӕрзӕны раз,


ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд.


Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ сӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн.


ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд.


Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд.


Уый фӕстӕ галы тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы Фидыды Чырыны сӕр скӕсӕнӕрдыгӕй иу хатт бапырх кӕнӕд, йӕ разы зӕхх та — авд хатты.


стӕй йе ’нгуылдзӕй нывондхӕссӕн авд хатты тугӕй бапырх кӕнӕд. Афтӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнӕд израилӕгты тӕригъӕдтӕй ӕмӕ йӕ срухс кӕнӕд.


Анымайут авд хатты авд азы, ӕдӕппӕтӕй авд авды куыд уой. Ӕмӕ сабаты азтӕй авд куы рацӕуа — фараст ӕмӕ дыууиссӕдз азы,


Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


ӕмӕ дзы йе ’нгуылдзӕй авд хатты бапырх кӕнӕд мидӕмбӕрзӕны цур, Дунедарӕджы раз.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта.


Сауджын Елеазар кусарты тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатырыл авд хатты бапырх кӕнӕд.


Сыкъауадындз куыддӕр ныууаса ӕмӕ йӕ куыддӕр фехъусат, афтӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккӕнӕнт, ӕмӕ сахары систӕ бындзарӕй афӕлдӕхдзысты. Уӕд, сахарыл цы адӕм ӕрхъула кодтой, уыдон мидӕмӕ бабырсӕнт, алчидӕр сӕ, кӕм ис, ууылты».


Хотыхджынты къорд, уадындзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы сауджынтӕн цыди сӕ разӕй, иннӕ хӕстонтӕ — Фидыды Чырыны фӕдыл. Сауджынтӕ цӕугӕ-цӕуын сыкъауадындзтӕй уасыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan