Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕрлӕууын ӕй кӕнӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур, Дунедарӕджы раз. Йӕ къух галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй аргӕвдӕд Дунедарӕджы раз.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:4
11 Iomraidhean Croise  

Тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн цы цӕутӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон паддзах ӕмӕ ӕмбырды размӕ ӕрбакодтой ӕмӕ сыл уыдон сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой.


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Йӕ дыууӕ къухы-иу цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ-иу афтӕмӕй басӕттӕд израилӕгты ӕппӕт азымыл, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтыл — цӕуы сӕрыл сӕ сӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй цумайы лӕгимӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ арвитӕд.


Дунедарӕджы раз адӕмы хистӕртӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт, стӕй йӕ аргӕвдӕнт.


Тӕригъӕды нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд.


Моисей тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакодта гал. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.


Левиттӕ та сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт галты сӕртыл: сӕ иу ӕрхӕсдзысты тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн, цӕмӕй левиттӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уой.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan