Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:31
39 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт.


Уымӕ гӕсгӕ авд гал ӕмӕ авд фысимӕ фӕцӕут мӕ цагъар Иовмӕ ӕмӕ сӕ уӕхи номыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут, мӕ цагъар Иов сымах тыххӕй скувӕд. Ӕрмӕстдӕр уый куывд айсдзынӕн Ӕз ӕмӕ уӕ нӕ бафхӕрдзынӕн, Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уый тыххӕй».


ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Дунедарӕджы бафӕндыди Йӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын — Йӕ бӕрзонд, Йӕ кадджын Ӕгъдау, сымах бафхӕргӕйӕ, равдисын.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.


Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.


Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ сӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн.


Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы йӕ цъӕй цӕуынӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.


Сауджын-иу ӕрхӕссӕд фиддоны нывонд ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни барст.


ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм. Сойхӕццӕ ссадӕй сауджын йӕ армы дзаг сисӕд, стӕй буд дӕр иууылдӕр райсӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.


Кусартӕн йӕ фиутӕ фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.


Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Уый фӕстӕ сауджын нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр рахицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕджы номыл. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Дыккаг маргъы та сауджын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссӕд. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.


Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.


Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын ӕппӕт израилӕгты дзыллӕ, ӕмӕ сын хатыр уыдзӕн: рӕдыд ӕрцыд, ӕмӕ уыцы рӕдыды тыххӕй уыдон арты нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, стӕй ма тӕригъӕды нывонд дӕр ӕрхастой Дунедарӕджы раз.


Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».


Кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ цӕрут, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ.


Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс


Йесо та, тӕригъӕдты тыххӕй иунӕг нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, «Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти» мыггагмӕ


Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.


Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.


Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.


Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan