Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:30
12 Iomraidhean Croise  

стӕй йын йӕ тугӕй де ’нгуылдзыл сис ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор, иннӕ туг та иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акал.


Дунедарӕджы бафӕндыди Йӕ рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын — Йӕ бӕрзонд, Йӕ кадджын Ӕгъдау, сымах бафхӕргӕйӕ, равдисын.


Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын йе ’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Сауджын нывонды тугӕй йе ’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд.


Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд.


Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕны фарс бапырх кӕнӕд, цы ма дзы баззайа, уый та нывондхӕссӕны рӕбынмӕ ралӕдарӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе ’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта.


Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе ’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта.


Чырысти та кӕрон скодта Ӕгъдауӕн, цӕмӕй алы уырнӕг дӕр Хуыцауы раз сраст уа.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan