Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Тӕригъӕды нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:29
10 Iomraidhean Croise  

Ӕрмӕст-иу фиддоны нывонд ӕмӕ тӕригъӕды нывонды тыххӕй цы ’взист ӕрбахастой, уый Кувӕндонӕн лӕвӕрд нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ уый уыди сауджынты хай.


Тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн цы цӕутӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон паддзах ӕмӕ ӕмбырды размӕ ӕрбакодтой ӕмӕ сыл уыдон сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой.


Аргӕвдӕд ӕй Дунедарӕджы раз, нывондхӕссӕны цӕгатварс, ӕмӕ йын Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Иууылсудзинаг нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, цӕмӕй йын ӕй айстӕуа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой.


Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.


Дунедарӕджы раз адӕмы хистӕртӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт, стӕй йӕ аргӕвдӕнт.


Йӕ къух цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, Дунедарӕджы раз иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран аргӕвдӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд.


Йӕ къух тӕригъӕды нывонды сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд.


Ӕрлӕууын ӕй кӕнӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур, Дунедарӕджы раз. Йӕ къух галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй аргӕвдӕд Дунедарӕджы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan