Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат сӕгъ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:28
12 Iomraidhean Croise  

Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».


Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз.


ӕмӕ сын сӕ азым куы бацамындӕуа, уӕд тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕнт гал ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры раз ӕрлӕууын кӕнӕнт.


ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат цӕу.


алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал.


Уыцы адӕймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс.


Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan