Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:22
15 Iomraidhean Croise  

Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.


Бирӕ сӕнттӕй, уддзӕфау цы хъуыддӕгтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, уыдонӕй бирӕ ныхӕстӕ райгуыры, фӕлӕ ды тӕрс Хуыцауӕй!


Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой


цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Исчи Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна,


Адӕмӕй исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, куы фӕазымджын уа


Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын.


Дунедарӕг Моисейӕн кӕй фехъусын кодта, уыцы фӕдзӕхстытӕй искӕцы ӕнӕрхъуыдыйӕ куынӕ сӕххӕст кӕнат,


Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ.


Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Израилӕгтӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ фарс рахӕцыдысты, се ’ппӕт дӕр — дзыллӕйы фӕтӕгтӕ, ӕвзӕрст адӕм, нымад лӕгтӕ.


Ӕмӕ Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хицӕуттӕ рӕсӕнуатӕй сӕ размӕ рацыдысты.


Бацыдысты Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ Моисеймӕ, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕм ӕмӕ загътой:


уӕд уӕхицӕн ӕмбӕхсӕн сахартӕ снысан кӕнут, ӕмӕ-иу ӕнӕбары чи фӕтуджджын ис, уый йӕ сӕр уым бафснайдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan