Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Левит 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Исчи Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Левит 4:2
18 Iomraidhean Croise  

Стӕй Авимелех фӕсидт Аврааммӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Уый нын цы бакуыстай? Уагӕр цӕмӕй фӕазымджын дӕн дӕ разы — мӕн дӕр ӕмӕ мын мӕ паддзахад дӕр цӕмӕн баппӕрстай стыр тӕригъӕды? Куыд не ’мбӕлы, ахӕм ӕвирхъау митӕ мын бакодтай».


Бирӕ сӕнттӕй, уддзӕфау цы хъуыддӕгтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, уыдонӕй бирӕ ныхӕстӕ райгуыры, фӕлӕ ды тӕрс Хуыцауӕй!


Кувинагӕй ӕнӕбары чи бахӕра, уый-иу сауджынӕн уыцы кувинаджы аргъ бафидӕд, ноджы ма-иу ӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд.


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста,


Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой


Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа


Адӕмӕй исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, куы фӕазымджын уа


уӕд уӕхицӕн ӕмбӕхсӕн сахартӕ снысан кӕнут, ӕмӕ-иу ӕнӕбары чи фӕтуджджын ис, уый йӕ сӕр уым бафснайдзӕн.


Туджджынӕн уыцы сахартӕй искӕцымӕ алидзӕн ӕмӕ уым йӕ сӕр бафснайӕн ис, знаг ын нӕ уыди, афтӕмӕй искӕй ӕнӕбары куы амара, уӕд.


кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не ’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн.


Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.


дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.


Иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Ме ’фсымӕртӕ, уый хъуамӕ афтӕ ма уа.


Ионатан та нӕ фехъуыста, йӕ фыд адӕмыл ӕлгъысты азар кӕй сӕвӕрдта, уый. Йӕ лӕдзӕджы кӕрон мыды стылдта, ацахуыста дзы, ӕмӕ йӕ цӕсгом фӕрухс ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan